Поликультурон ахуырады полилингвалон хуызœг рœвдауœндоны
05.04.2024 11:22
02.04. 2024 азы Паддзахадон Бюджетон Ахуырадон Уагдон «Ахуырадон ЦентрЭРУДИТЫ» ацыд семинар Цæгат-Ныгуылæн æмæ Промышленнон районты рæвдауæндæтты полилингвалон къордты кусæг хъомылгæнджытæн. Семинар арæзт æрцыд Юнескæйы кафедрæйы кусджыты хъæппæрисæй. Ахуырадон Центр «Эрудиты» разамонæг Фидараты Эмма Харитоны чызг арфæйы ныхæстæ ракодта семинары архайджытæн .
Йæ раныхасы Эммæ Харитоны чызг загъта: -Нæ ахуырадон центр «Эрудит» 08.06.2021азы сси эксперименталон фæз, кæцы æххæт кæны къæпхæнæй-къæпхæнмæ полилинвалон (ирон-уырысаг ахуырадон хуызæг).
Архайæм, цæмæй рæвдауæндоны сывæллæттæ уарзой æмæ дзурой сæ мадæлон æвзагыл, уа сæм æмбарынад бирæ æвзæгты тыххæй. Хъомыл сæ кæнæм аргъ кæнын æндæр æвзæгтыл чи дзуры,уыдонæн. Ахуыры организацийы процесы пайда кæнæм инновацион бацæуæнтæ,технологитæй. Семинары архайджытæ бакастысты хистæр полилингвалон къорды ахуырмæ, йæ темæ «Бинонтæ», хъомылгæнæг Джыккайты И.Х.
Цымыдисæй бакастытсы уазджытæ студи «Дзурæм иронауы»- равдыст :«Зынггур нæ фыдæлтæм» рæвдауæндоны «Ирон хæдзар». Хъомылгæнджытæ Сæлбиты З.К, Танделаты Р.Б. Сæлбиты Зæлинæ радзырда уазджытæн рæвдауæндоны хъомыладон –ахуырадон куысты сæйраг здæхæнтæй иу кæй у сывæллæтты æмхиц кæнын нæ адæмы духовон бынтæм. Музейон технологийæ куыд пайдаонд цæуы уыцы хъуыддаджы тыххæй..
Ирдæй равдыстой сывæллæттæ бинонты цард , сæ архæйдтытæ,се гъдау. «Цымыдисаг фембæлд» ,афтæ схуыдта йæ мадзал хъомылгæнæг Дзалаты Тамарæ. Æцæг цымыдисаг,хъæлдзæг рауад астæуккаг къорды сабиты фембæлд ныййарæг Дзалаты Илонæимæ,æрбахаста сын йæхи арæзт куклатæ.Сывæллæттæ стыр æхсызгондзинад райстой диссаджы хъазæнтимæ фембæлдæй.Уæлдай цымыдисы сæ бафтыдта,иронау сын æмдзæвгæтæ кæй радзырдтой,уый. Бестауты Заирæ æмæ Маураты Зæлинæ сæ фиппаинæтæ загътой æмæ раарфæ кодтой мадзаллттæ аразджытæн .Иууылдæр разыйæ баззадысты сæ архайдæй.